 Зæнджиаты Бæбу |
ЗÆНДЖИАТЫ Бæбу
Журнал «Мах дуг», 1999, №10–11
Хетæгкаты Къостайы æз хорз нæ зыдтон. Сæмбæлдтæн ыл Дзæуджыхъæуы дыууæ хатты. Къоста йе ’мдзæвгæтæ нæма хъæр кодта, ничи ма йын сæ зыдта, афтæ йын дзы Дзæуджыхъæуы реалон скъолайы 7-æм къласы ахуыргæнинаг Дзалаты Луа сусæгæй, Къостайы æвастæй иукъорд æмдзæвгæйы сфыста: «Чи дæ?», «Хъуыбады», «Додой» æмæ ма ноджыдæр цыдæртæ. Дзалайы-фыртæй та сæ æз æмæ Баситы Мискæ сфыстам.
Уый агъоммæ æз ирон æвзагыл æмдзæвгæ никуы фехъуыстон æмæ мын афтæ ’хсызгон уыд, афтæ тых мын кодтой, афтæ тынг хъардтой зæрдæмæ, æмæ, хъуыды-ма йæ кæнын, мæ сæрыхъуынтæ-иу арц сбадтысты, мæ цæстытæ-иу доны разылдысты. Уый адыл сæ æз арæх кастæн æмæ сæ къуырийы бонмæ æнæ чиныгæй базыдтон.
Дзалайы-фырт мын бафæдзæхста — дзурын сæ нæма хъæуы, Къоста-ма сыл кусгæ кæны йе ’мдзæвгæтыл æмæ йын хъыг уыдзæни, зæгъгæ. Фæлæ-ма уыдæттæ-йедтæ чи хъуыды кодта! Ахæлиу сæ кодтон: æхсызгон мын уыди сæ кæсын, стæй мæм номы хуызæн каст, адæмæй бирæтæм, æндæр ничи, фæлæ æппæты разæй æз кæй фæдæн хæрзæггурæггаг, уый.
Уымæн йæ хæдфæстæ Æрыдоны семинары сæмбæлдтæн æмæ уым студенттæн радзырдтон «Чи дæ?» æмæ ноджыдæр цыдæртæ Къостайы æмдзæвгæтæй. Нæ мæ рох кæны ныр дæр ма сæ рухс цæсгæмттæ, стæй хъæлдзæг хæлиу цæстæнгас студепттæн фырцинæй.
Уыцы рæстæджы Беслæныхъæуы ахуыргæнæг уыдтæн æмæ сæ скъолайы лæппутæн дæр бацамыдтон.
Уыдæттæ, æвæццæгæн, Къостайы хъусыл æрцыдысты, уымæн æмæ, фыццаг хатт ыл куы сæмбæлдтæн Дзæуджыхъæуы, уæд йæ фыццаг фарст уыд: куыд æгъдауæй бафтыдысты мæ къухы йе ’мдзæвгæтæ? Æз ын радзырдтон, хъуыддаг куыд уыд, афтæ.
Дыккаг хатт ыл сæмбæлдтæн Дзæуджыхъæуы. Цæхæрадоны бадти Колыты Тотрадз æмæ ма ноджыдæр чидæртæ. Хъуыды ма кæнын. Афарста мæ: «Дæ ахуыргæнæджы куыст цæмæн ныууагътай, нæхимæ цæуылнæ кусыс, Уæрæсемæ дæхи цæмæн аппæрстай?»
Уыцы бонæй фæстæмæ йыл никуыуал фембæлдтæн. Йе ’мдзæвгæтæй бирæтæ аивта, кæм бафтыдта, кæм аппæрста, фæлæ бирæ рæстæг рацыд æмæ мæ ферох сты. Аппæрста ахæм куплеттæ:
1) Мæ мад уайтагъд амард,
Хъыг цас ыл кодтой!
Чысыл цыдæр ацард,
Рæсугъд æй хуыдтой.
2) Куы фесты нæ муртæ,
Уæд, гъæйдæ, цæугæ,
Мæнæн-ма нæ дуртæ
Ныууагъта бæргæ.
3) Йæ фос мæнæй дарддæр
Скъæрæг нæ уыд,
Мæ фырытæй нарддæр
Ыскæнæн нæ уыд.
4) Куы хосдзау; куы суглас,
Куы .фосмæгæсæг.
Мæхъидзау, къæпидас,
Куы фаджысхæссæг.
(«Чи дæ?»)
Дæ кад мыггагмæ у цæринаг
Дæ цард йæхæдæг уыд сæдæ.
Зæххыл дын нал баззад кæнинаг,
Дæ мæсыг амайын фæдæ.
(«Марды уæлхъус»)
Ацы æмдзæвгæтæ аппæрста Къоста йæхæдæг, йæ чиныджы нæ бацыдысты.
Алагиры аргъуаны къултыл бирæ нывтæ ис Къостайы къухæй фыст. Ныр дæр-ма æнæхъæн сты. Къамис ын йæ куыст куы иста, уæд сæм алчер бирæ фæкасти, стæй æрæджиау загъта: «Мало божественности». Æцæг лæгхуыз кæй уыдысты йæ нывтæ, уыцы сахъат сæм ссардта. Уый мæхи хъусæй нæ фехъуыстон, фæлæ мын æй дзырдтой, уым чи уыд уыцы сахат, ахæмттæ.
* * *
Йæ мæлæты фæстæ иу æртæ мæйы рацыдаид, афтæ Лабæйы уыдтæн æмæ Къостайы хо Олгъамæ бацыдтæн. Уым федтон Къостайæн йæхи къухæй фыст йæ фыд Леуаны ныв. Уыдаид иу адыли, кæнæ чысыл фылдæр алырдæм. Олгъайы ныхæстæм гæсгæ Къоста йæ фыды тынг бирæ уарзта æмæ йын йæ ныв кæддæриддæр йæ хуыссæны сæрмæ дардта.
Олгъа мын лыстæгæй фæдзырдта йæ рынчыны хабæрттæ Къостайæн; куыд зын уыд рынчынæй Къостамæ зилын, дзæгъæл куыд хатти, коммæ куыд нæ касти, сывæллонæй уæлдай куыд нæуал уыд, ирон адæм æй куыд нæ рох кодтой йæ рынчыны сахат æмæ йын æхцатæ йедтæ-куыд æрвыстой.
Фыццаг хатт мыхуыргонд уыди: «Мах дуг», № 3–4, 1935 аз