Едзиты Руслан
Журнал «Мах дуг, 2000 аз, №6

Едзиты Сослæнбеджы портрет
Едзиты Михалы фырт Сослæнбег райгуырди Ходы хъæуы. Йæ мад æмæ йæ фыд уыдысты фосы æмæ зæххы куыстгæнджытæ. Сослæнбег каст фæци цыппар къласы Садоны. Сабийæ тынг бауарзта ныв кæнын, чингуытæ кæсын, музыкæ. Æхсæрдæсаздзыдæй кусын райдыдта Садоны шахтæйы. Йæ фыд куы фæзиан, уæд загъта: хъуамæ йын цырт мæхæдæг скæнон. Ацыди Петербургмæ, балхæдта сойхъæстæ ахорæнтæ, стæй нывгæнæджы кусæнгæрзтæ, грекъаг барельефты къопитæ. Стыр цырт скодта йæ фыдæн æмæ йæ сахуырста. Ныртæккæ дæр лæууы уыцы цырт Ходы уæлмæрдты. Уый агъоммæ хъæуы цыртытæ нæ уыди. Хъæуы адæмæн цырт сæ зæрдæмæ фæцыд, æмæ кæмæндæрты лæвар скодта цалдæр цырты.
Уый фæстæ арæх цæуын байдыдта Петербургмæ. Иуахæмы та (уый уыдаид 1889–1891 азты) сыздæхти Петербургæй. Бирæ хæссинæгтæ йæм уыд æмæ Ходæй раласта хæрæг Алагирмæ æмæ йæ уæргътимæ цыди фæстæмæ Ходмæ. Æхсæвы тæрккъæвда рацыд, æмæ Мызуры сæрмæ дурты лæсæн ракалди. Куы ’рбабон, уæд адæм фæндаг сыгъдæг кæнын райдыдтой дуртæй. Ацы ран Сослæнбег сæмбæлди Хетæгкаты Къостаимæ. Къоста уыди саргъы бæхыл. Дыууæ лæджы базонгæ сты, фæндаг сыгъдæг кодтой иумæ. (Уæд Къостайæн йæ «Ирон фæндыр» нæма рацыд, æмæ ахæм курдиатджын лæг у, уый бирæтæ нæ зыдтой).
Фæстæдæр мæ фыд Сындзыхъæуы райдыдта чысыл хæдзаргонд (времянкæ) аразын.

Сослæнбег йæ бинойнаг Гумæ, йæ чызг Верæ æмæ йæ фырт Русланимæ. 1949 аз.
Куы срæвдз, уæд нæ бинонтæ ралыгъдысты уырдæм.
Иу рæстæджы мæ фыд йе ’мбæлттимæ ацыди Гуырдзымæ хæдзæрттæ æмæ систæ амайынмæ. Дыууæ азы фæстæ æрыздæхти фæстæмæ æмæ райдыдта дыууæуæладзыгон хæдзар аразын хуымæтæджы дурæй. Хæдзары раз скодта гарна-чъырсудзæн. Райдыдта кулдуар амайын дæр. Арæх нæм цыди Тауаситы Сослæнбег. Мæ фыд æй ахуыр кодта дуры куыст кæныныл. Æртæ мæйы фæстæ загъта, уарзын скульптурæ, фæлæ ахæм уæззау куыст нæ фæкæндзынæн, зæгъгæ. Мæ фыдæй кæстæр уыд иу-фынддæс азы.
1910 азы нæ хæдзар арæзт фæцис. Уынæг æм цыдысты бирæтæ. Иу хатт та нæм æрбацыдысты бельгиæгтæ. Бирæ фæкастысты хæдзармæ, уый фæстæ фынджы уæлхъус дзурын райдыдтой немыцагау. Дзырдтой, ацы лæг, дам, Бельгийы куы райгуырдаид, уæд йæ ном дардыл айхъуыстаид. Нæ сыхаг æвдакат Дзиуаты Куыдзи бадти семæ (юридикон скъола каст фæци Берлины), зыдта немыцаг æвзаг æмæ бельгиæгты ныхæстæ тæлмац кодта. Бельгиæгтæй иу афтæ, ахæм хæдзар æмæ кулдуар, дам, ам дæр æмæ Бельгийы дæр не ссардзыстут. Бельгиæгтæ ныууагътой сæ адристæ, мæ фыдæн загътой: Бельгийы куы уай, уæд дын фысым уыдзыстæм. Хæдзармæ ма фæкастысты, стæй бафарстой: цы хъуыды ис хæдзары барельефты. Мæ фыд загъта, æз, дам, дæн Хуыцауыл æууæндæг лæг æмæ дзы равдыстон Уастырджийы хуыз, ирон адæм, дам, кувынц Хуыцау æмæ Уастырджимæ. Дыккаг нывы — ирон сылгоймаг фæндыримæ. Уарзын музыкæ, дзырдта сын мæ фыд, мæхæдæг дæр, дам, цæгъдын фæндырæй. Æртыккаг ныв: ирон сылгоймаг хъамаимæ, йæ фарсмæ — нæлгоймаг. Сылгоймаг кæд хъамаимæ ис, уæддæр æй хъахъхъæнын хъæуы. Уынджы ’рдыгæй хæдзары фарсыл ис бæгънæг сылгоймаджы ныв. Йæ сæрмæ — та лæг æд гæрзтæ: ома рæсугъддзинад хъахъхъæнын хъæуы.

Ходы хъæуы уæлмæрдтæ.
Бельгиæгтæ бирæ арфæтæ фæкодтой мæ фыдæн, стæй ацыдысты.
Мæ фыд систæ амадта алкæмæнты, йе ’мбæлттимæ хæдзæрттæ кодта æмæ уыдæтты руаджы кулдуар æрдæгамад фæци. Абоны онг дæр баззад афтæмæй.
Ралæууыди 1929 аз, райдыдтой колхозтæ аразын. Мæ фыд колхозмæ радта йæ бæх, йæ уæрдон, йæ цуанон топп. Уыдон та йын «Книжка атеиста» радтой. Райдыдта колхозы аразджыты бригады кусын фæллойбонтыл. Цалдæр азы бакуыста, фæлæ фæллойбонтæн ницы иста.
Нæ хæдзары скодта тасмачъийæ пец. Фæлæ суг цæмæй ластаид, уый нæ уыди. Бинонты цæмæй дардтаид, уый нæ уыд æмæ горæтмæ рацыди. Цардис æмдзæрæны, куыста «Электроцинчы». Бакуыста дзы 13 азы. Стæй фæрынчын æмæ фæстæмæ хъæумæ æрыздæхти.
1933 азы скодта æххормаг аз. Мæ фыдмæ уыди дзыппыдаргæ сызгъæрин сахат — швейцариаг. Йæ рæхыс дæр — хъазар. Сахат æд рæхыс баивта бедрайы дзаг нартхорыл.
Цот ын уыди цыппар лæппуйы æмæ æртæ чызджы. Хистæр чызг мой скодта, иннæ амарди рæуджыты низæй. Æфсымæртæй дыууæ фæмард сты Фыдыбæстæйы Стыр хæсты. Æртыккаг æфсымæр каст фæци Мæскуыйы нывгæнджыты институт. Профессор И. Грабарь фыста, Геор, дам, у институты арæхстджындæр портретисттæй иу.
1936 азы мæ фыды æрцахстой, Къостайы хуыз кæй скодта, уый тыххæй. Йæхæдæг афтæ дзырдта: баууæндыдтæн, газетты æмæ журналты цы фыстой, ууыл æмæ фæрæдыдтæн. Дзырд радта, куы ма рацæуа ахæстонæй, уæд Къостайы хуыз кæй никуыуал скæндзæни. Цыппар мæйы фæстæ йæ рауагътой.

Едзиты Геор йæ фыд Сослæнбеджы цыртыл кусгæйæ. 70-æм азты райдиан.
1939 азы мæ фыд райдыдта пенси исын 15 сомы, радтой йын хæрæг дарыны бар. Дыгуры комы Доныфарсы хъæуы кæмæндæр цырт скодта æмæ йын хæрæг балæвар кодтой. 1943 азы мæ фыдæн пенси нал фыстой: хъæуы цæрджытæн, дам, не ’мбæлы пенси. Мæ фыд лæдзæг скодта æмæ йыл ныффыста: «Работаю как эшак, а живу кау дурак». Ис æм йæхи ныв дæр дурæй конд. Фыст ыл ис: 1943. Æндæр лæдзæгыл та ныффыста: «Богатый брат бедному враг, кто не верит тот дурак».
1945 азы мæ фыд райдыдта Хурхоры Уастырджийы дурыл Уастырджийы хуыз кæнын. Хурхормæ цыди бæгъæввадæй. Скодта къахвæндаг кувæндонмæ. Æххуыс ын кодта сындзыхъæуккаг Мæрзойты Сталин. Сослæнбег Уастырджийы хуыз куы арæзта, уæд æм-иу арæх æрцыдысты, фарстой-иу æй, чи дын радта ацы куыст, æхца дын чи фиддзæн æмæ а.д. Уый сын дзырдта: æхцайыл нæ кусын, хъыгдаргæ дæр никæй кæнын.
1947 азы нæм æрцыдысты Аивады министрадæй æмæ мæ фыды куыстытæй дзæвгар аластой. Æхца йын 1300 сомы рафыстой æмæ дзы балхæдта иу голлаг нартхор.
Фæстæдæр мæ фыдæн радтой сгуыхт нывгæнæджы ном. Стыр æгъдау ын скодтой. Фынджы хистæрæн бадти фыссæг Мæрзойты Сергейы фыд Темырци.
1948 азы нæм уазæгуаты уыди Тауаситы Сослæнбег. Бирæ фæныхæстæ кодтой мæ фыдимæ. Мæ фыды къухтæй загъта хъазгæйæ, ацы сау къухтæ, дам, мæныл фæуæлахиз сты аивады. Уый уыди сæ фæстаг фембæлд марксист Тауаситы Сослæнбег æмæ мæ фыдæн.

Тугъанты Махарбегимæ.
1949 азы Геор каст фæци нывгæнджыты институт æмæ хъæумæ æрцыди Тугъанты Махарбегимæ. Мæ фыдимæ сæ хуыз систой иумæ. Махарбег мæ фыды сурæт скодта сангинæйæ
1 , лæмбынæг фæкасти хæдзармæ, стæй загъта, цалцæг кæнын, дам, æй хъæуы, уынынмæ, дам, æм цæудзысты, ирон адæм куынæ фесæфой, уæд. Мæнæн, дам, мæ бон нæу æхцайæ феххуыс кæнын.
Хурхоры Уастырджийы дурыл мæ фыд фæкуыста суанг йæ амæлæты онг — 1953 азмæ.
Ирон аивадиртасджытæ биноныгæй нæма раиртæстой Едзиты Сослæнбеджы сфæлдыстад, аргъгонд ын нæма æрцыди кæронмæ. Ныртæккæ бирæ фыссынц йæ хæдзарæй музей скæныны тыххæй, фæлæ ныхæстæй дарддæр хъуыддаг нæ цæуы.
_____________________________________
1 Уырыссаг æвзаджы æмбарынгæнæн дзырдуатæй: Сангина — Мягкий темно-красный или красновато-коричневый карандаш без оправы, употребляемый в живописи.
Едзиты Сослæнбеджы сфæлдыстад

Йæ кусæнгарз —дзæбуг.

Фæндаггæттæ.

Хъыггæнæг зæд.

Дзæрæхохты Хадзы-Мурат.

Куыройдзау.

Хохаг лæг.

Автопортрет

Бæсты Мад.